Кæсгон-черкесаг æвзаг — Википеди Перейти к содержанию

Кæсгон-черкесаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кæсгон-черкесаг æвзаг
Хином Къэбэрдей-черкесыбзэ, адыгэбзэ
Бæстæтæ Уæрæсе
Официалон статус Кæсæг-Балхъар, Хъæрæсе-Черкес
Дзурджыты нымæц 587 547
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

кавказаг мыггаг

абхазаг-адыгъейаг æвзæгтæ
адыгъейаг æвзæгтæ
Фыссынад кириллон алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2 kbd
ISO 639-3 kbd
ГОСТ 7.75–97 каа 250
WALS kab
Atlas of the World’s Languages in Danger 1065
Ethnologue kbd
IETF kbd
Glottolog kaba1278
Википеди ацы æвзагыл

Кæсгон æвзаг кæнæ кæсгон-черкесаг æвзаг у кæсгон æмæ черкесаг адæмты мадæлон æвзаг.

Иумæйаг зонæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Кæсæг-Балхъары æмæ Хъæрæсе-Черкесы республикæты у сæ официалон æвзæгтæй иу. Ацы æвзагыл ма дзурынц Краснодары крайы, Адыгейы, Турчы, стæй Хæстæг Скæсæны цалдæр бæстæйы.

Æвзаджы ис 48 æмхъæлæсон фонемæйы, уыдонæй 23 — фрикативонтæ.

Иуæй-иу лингвистты хъуыдымæ гæсгæ кæсгон-черкесаг æмæ адыгъейаг æвзæгтæ сты иумæйаг адыгаг æвзаджы дыууæ диалекты. Адыге, кæсæг æмæ черкес сæхæдæг се ’взаг хонынц адыгэбзэ, ома «адыгаг æвзаг».

1924-æм азы агъоммæ фыссынад уыди араббаг алфавиты бындурыл (кæд уымæй бирæ адæм пайда нæ кодтой, уæддæр), 19241936 азты пайда кодтой латинаг дамгъæтæй. 1936-æм азы та латинаг алфавит раивтой кириллонæй.

А а Э э Б б В в Г г Гу гу Гъ гъ Гъу гъу
Д д Дж дж Дз дз Е е Ё ё Ж ж Жь жь З з
И и Й й К к Ку ку КI кI КIу кIу Къ къ Къу къу
Кхъ кхъ Кхъу кхъу Л л Лъ лъ ль ЛI лI М м Н н
О о П п ПI пI Р р С с Т т ТI тI У у
Ф ф ФI фI Х х Ху ху Хъ хъ Хъу хъу Хь хь Ц ц
ЦI цI Ч ч ЧI чI Ш ш Щ щ ЩI щI ъ Ы ы
ь Ю ю Я я I Iy

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Кæсгон поэзийы бындурæвæрæгыл нымад у Али Шогенцуков (1900—1941).

Кæсгон æвзагыл зарынц иуæй-иу эстрадон зарæггæнджытæ. Уыдонæй зындгонддæр у Черим Нахушев (абазаг æвзагыл дæр зары).

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]