Википеди:Стилы разамынд — Википеди Перейти к содержанию

Википеди:Стилы разамынд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Википедийы стилы разамынд (цыбырæй СР) у Википедийы статьятæ цы стилы хъуамæ фыст уой, уый разамынд.

Статьяйы сæргæндтæ

[Бындур ивын]

Æвзаджы варианттæ

[Бындур ивын]

Аббревиатурæтæ

[Бындур ивын]
Аббревиатурæйы фыццаг фæзынд
  • Аббрæвиатурæйæ кæд дæ фæнды спайда кæнын, уæд уал йæ фыццаг фæзынды раз ныффысс, цы нысан кæны, æмæ йæ фæстæ къæлæтты — аббревиатурæ. Дарддæр дæ бон у фыссын æрмæст аббревиатурæтæ.
Раст Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ (ГССР) уыдис Советон Цæдисы рæспубликæтæй сæ иу. ГССР ахицæн ис Советтон Цæдисæй 1990-æм азы
Рæдыд ГССР уыдис Советон Цæдисы рæспубликæтæй сæ иу. ГССР ахицæн ис Советон Цæдисæй 1990-æм азы
Аббревиатурæйы формæ
  • Аббревиатурæ бирæон нымæцы кæнæ исты хауæны куы æвæрай, уæд æм бафтау дефис (-) æмæ фæсæфтуан -тæ, кæд æй бирæон нымæцы æвæрыс, кæнæ хауæны фæсæфтуан.
Раст Рæдыд Рæдыд
АБВ-тæ АБВтæ АБВ'тæ
Нæуæг аббревиатурæтæ ма мыс
  • Дæхи хиз нæуæг аббревиатурæтæ мысынæй. Зæгъæм Дунеон Боксы Ассоциаци хорз у World Boxing Association-ы тæлмацæй, фæлæ ДБА у рæдыд æмæ йæ макуы фысс. Пайда кæн официалон аббревиатурæйæ, WBA.
HTML элемент
  • Википеди уадзы архайын ахæм HTML элементæй куыд <abbr>. Уымæй дæ бон у, аббревиатурæ чи уыны, уымæн баххуыс кæнын. Зæгъæм, ахæм код <abbr title="Америчъы Иугонд Штаттæ">АИШ</abbr> равдисдзæнис АИШ. Мыст фысты сæрмæ куы бауадзай, уæд дын аббревиатурæйы нысаниуæг бацамондзæнис. Уыимæ ма фен шаблон {{Ома}}.

Пунктуаци

[Бындур ивын]
Цыбыргæндты фæстæ

Цыбыргæндты фæстæ æвæр стъæлф.

Раст Рæдыд
уырыс. уырыс

Кæд цыбыргонд хъуыдыйады кæрон ис, уæд йæ фæстæ æвæрынц æрмæстдæр иу стъæлф.

Раст ...урс, цъæх æмæ æнд.
Рæдыд ...урс, цъæх æмæ æнд..

Нымæцонтæ

[Бындур ивын]
  • Нымæцтæ æдзух фысс стандартон «араббаг» цифрæтæй. Æрмæстдæр æнустæ æмæ фембæлдтытæ (съездтæ, олимпаг хъæзтытæ æмæ а. д.) нысангонд цæуынц ромаг цифрæтæй:
Раст Рæдыд Рæдыд
XIX æнусы райдиан,
СЦКП-йы XXVI съезд
19-æм æнусы райдиан,
СЦКП-йы 26-æм съезд
19 æнусы райдиан,
СЦКП-йы 26 съезд
  • Текстты мидæг чысылдæр нымæцтæ (дæс æмæ къаддæр) фыссынц дамгъæтæй:
Раст Рæдыд
зилгæйаг æртæ лæппуйы зилгæйаг 3 лæппуйы

Цыбыргæндтæ

[Бындур ивын]

Ныхас цыбыр кæнын хъæуы арæхсгай. Фылдæр ницы пайда у. Фæлæ вæййынц ахæм уавæртæ, кæдоны, ныхас хъæуы фæцыбыр кæнын. Уыцы уавæртæ сты:

  • Ныхас литературæйы фылдæр цыбырæй фыст цæуы. Зæгъæм, литературæйы, ныхас æмæ æндæртæ ранымады фæстæ афтæ дæр фыстынц: æмæ æнд. кæнæ æ.æ.

Цитатæтæ

[Бындур ивын]

Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад

[Бындур ивын]